Источник: Газета "Рæстдзинад"

Æрдзы тызмæг фæзындтæ нæ алчидæр зоны, хъуыды кæны. Æнæмæнг, ахсджиаг сты, æрдзы фæзындтытæм, æппæт æнкъуыстытæм цæст чи дары, чи сæ иртасы, сæ тæссагдзинад сын уайтагъд дзыллæтæм чи хæццæ кæны, уыцы ахуыргæндты хатдзæгтæ. Хъæрмæдоны комы курорты поселочы арæзтады тыххæй дзырдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО йæ дзуаппон раныхасы. Проект у инвестицион, йæ аргъ 50 миллиард сомæй уæлæмæ.

Уый, æвæццæгæн, зæрдæмæдзæугæ нысан у, фæлæ комы, нæ хæхты ахаст нæ алкæмæн дæр æгæр хорз бæрæггонд у. Уæд нæ ахуыргæндтæ æмхуызонæй дзырдтой, цъитийы ахастмæ сæ хъус бæргæ дардтой, йæ æнкъуыстытæ дæр, æвæццæгæн, бæрæг уыдысты, фæлæ фаг æхца нæ уыд иртасæнтæ хуызæнæн, аккаг, æмбæлгæ æмвæзадыл кæнынæн.

Афтæ рауад уæд æмæ тынг бирæ адæм фесæфтысты. Ныр, цымæ, цавæр фæрæзтæ дæттынц нæ ахуыргæндтæн, чи дары цæст цъитимæ, цæмæй тæссаг у? Хъуамæ цавæр зæрдæйæ фæдзурæм уазджытæм, мæнæ нæм ам, замманай куророты поселок фæзынд, зæгъгæ? Рацæут нæм, зæгъгæ. Ацы æмæ æндæр фарстытæн дзуапп дæтты Уæрæсейы Наукæты Академийы Дзæуджыхъæуы наукон центры Геофизикон институты директор, физико-математикон наукæты доктор, профессор Владислав ЗААЛИШВИЛИ.

– Хъуыды кæнын, уыцы æрдæгарæзт поселок Хъæрмæдоны, федтон æй 1998 азы, фæстæдæр, 2002 азы, æнæнхъæлæджы раивылд Хъолайы цъити. Уæд дæр афтæ дзырдтон, ныр дæр мæ хъуыды ахæм у: кæцыфæнды æнусы дæр фаг куы нæ уа хъæугæ аппараттæ, ифтонггæрзтæ, уæд цы сараздзынæ, кæй бон бауыдзæн афойнадыл адæмæн тæссаг уавæрты тыххæй фехъусын кæнын? Тынг зын уыдис уæды уавæр. Æрмæст зонындзинæдтæ фаг нæ уыдысты, хъуыдысты иртасæн аппараттæ… Уæдæй абонмæ бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, уæд нæ цуры балæууыд республикæйы разамонæг Мамсыраты Таймураз.

Хъолайы цъитийыл 2013 азы фæзынд станцæ, ис нæ сæйраг горæты дæр, нæ цæст дарæм, иртасæм. Фæлæ уæдæй нырмæ бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæзындысты ног демофографтæ. Уыдон хорз ахъаз сты иртасынæн, махæн бæрæггæнæнтæ исыны тыххæй нæ авналæнтæ æгæр къуындæг сты, уæды прибортæ фæзæронд сты. Хъуамæ æппæт мадзæлттæй дæр пайда кæнæм, фарстатæ æвæрæм регионы æмæ федералон æмвæзадыл дæр.

Цæст дарыны тыххæй хъуамæ ифтонг уæм хъæугæ фæрæзтæй, æппæт змæлдтæм нæ хъус дарæм. Аразын кæй хъæуы, царды цыдæн бауромæн кæй нæй, уый зонæм, æмæ уый æхсызгон хабар у. Фæлæ хъуамæ ивгъуыдæй хатдзæгтæ кæнæм, хъуамæ æмхуызонæй зоной: Гæналдоны донвæдты аразæн нæй. Æрхъуыды ма кæнæм, рагон кинонывты æрыгон чызджытæ цæуынц донмæ, бахъæуы сæ дæлæмæ, цæугæдонмæ дзæвгар ныххизын, уымæн æмæ сæ хæдзæрттæ, сæ цæрæнбынæттæ æмхуызонæй арæзт уыдысты бæрзæнды. Ам дæр афтæ хъуамæ уа.

Уæд та ма райсом Майлийы цъити раивылд, цæмæй йæ зонæм. Уымæ дæр хъуамæ ахуыргæндтæ сæ цæст дарой, иртасой æппæт фæзилæнтæ, змæлд, хæхты ахаст, комулæфт. Аразын хъæуы уæлдæр бынæтты, хæхты æнæ уымæй цæрæн нæй, æрдзон уавæртæ хынцын хъæуы. Экологон фарстатæамахсджиаг сты, дæтты сыгъдæгдзинад хъуамæ хъахъхъæд цæуа, уыдон кæлынц денджызтæм, хъуамæ цæуой сыгъдæгæй.

Фарстатæ ахæсгæ сты национ æдасдзинады иу хаймæ, тæссагдзинæдтæй хъуамæ адæмы хизæм. Ахуыргæндтæй нæ республикæ хъæздыг у, сæ тыхыл сын æууæндын, зонын сæ. Нæ фарстатæ арæх æвæрæм регионы разамынды размæ. Сæ алкæмæ дæр фыстон фыстæджытæ, фарстатæ æвæрдтам Мамсыры-фырты, Æгъуызарты Тамерланы, Битарты Вячеславы размæ дæр. Бузныг сæ дæн, æрыхъуыстой-иу нæм, уæд станцæтæ сæвæрдтам, Битарты Вячеслав ма нæ хæстæй 5 милуан сомы дæр бафыста. Хъæугæ прибортæ балхæдтам, сифтонг кодтам нæ станцæтæ. Нæ арæзтады ведомствæ дæр нæм къæрцхъус уыд, уайтагъдиу нæ цуры æрбалæууыдысты.

Иу разамонæг ацæуы, иннæ йæ бынаты æрбады. Нæ фарстатæ алкæмæ нæ хæццæ кæнынц, наукæйы тыхстаг хъуыддæгтæ алкæмæ нæ хъарынц. Нæ республикæйы разамонæг Сергей Меняйло æнæвдæлон у, уый дæр зонæм… Фæндыд нæ Хъолайы цъитийы раивылды 20 азмæ наукон конференци скæнын, æрхонын номдзыд ахуыргæндты, байхъусын сæм, сæ фæлтæрддзинадæй сын спайда кæнын. Фæлæ уæд нæ разынд фæрæзтæ, æмæ уый æрмæст иунæг ахæм дæнцæг нæу. Нæ бон куыд уыд, афтæ бацæттæ кодтам Хъолайы цъитиимæ, йæ раивылдимæ баст бæстон чиныг.

Бæргæ куырдтам æхца йæ рауадзынæн, фæлæ 4-5 азы дæргъы нæ рауад, уæд æрæмбырд кодтам ахуыргæндты, хъуыддаг куыд у, афтæ сын радзырдтам, æмæ уæд сабыргай-сабыргай нæхæдæг æхца æрæвæрдтам æмæ 2014 азы рауагътам чиныг. Йæ тираж æгæр ныллæг у. Ныр дæр та нæ зæрды ис Хъолайы цъитийы раивылды 22 азмæ, 2024 азы 20 сентябры наукон конференци саразын, чиныг ныффыссын. Хъуамæ федералон æмвæзадмæ куыд фæдзурæм æххуысмæ, кæд æмæ регионы бон у хъæугæ æхца раттын.

Нæ разамынд хъуамæ зоной ахуыргæндты архайд, нæ бон куыд у, афтæ цæст дарæм Хъолайы, Майлийы цъититæм, Хъæрмæдоны параметрион полигон нæ, æнæмæнг, хъæуы. Хъолайы цъитийыл, денджызы æмвæзадæй 2960 метры бæрзæнды сæвæрдтам иртасæн станцæ, Хъæрмæдоны – 1926 метры бæрзæнды, Дзæуджыхъæуы – 700 метры бæрзæнды. Фæлæ сæ авналæнтæ æгæр фæзæронд сты…

Нæ бон 2014 азы бацис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй зæйты рацыд бафиппайын, сæ ахуыргæндтæ уайтагъд сæвæрдтой нырыккон прибортæ, цæстдарыны фæрæзтæ. Хæхты хуылфмæ цæст дарæм, вулканты уавæр иртасæм, фæлæ уæддæр нæ авналæнтæ фаг не сты. Хъола цы у? Вулканы фахс. Хъуамæ йæ ахуыр кæнæм, йе змæлд ын иртасæм. Фæлæ нæ фæрæзтæй нæ авналдзынæ…

Республикæйы разамынды æххуыс рæстæгæйрæстæгмæ хъуамæ ма уа, фæлæ æппынæдзух. Нæ ахуыргæндты бон у сейсмикон иртасæнты архайын, фæлæ куыдæй? Разы стæм Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразы ахастæй, йе ‘ргом нæм здахы. Фæнды нæ республикæйы картæ бæстонæй, районты фæзтимæ, æппæт стыр æмæ лыстæг ивддзинæдтимæ скæнын. Тускъайыфырт нæ хабæрттæм къæрцхъус у. Уæдæ ахуыргæндтæн бантыст Мамысоны тыххæй чиныг ныффыссын, алцыдæр дзы фæбæрæг кодтам, рауагътам æй нæхи фæрæзтæй. Радтам æй библиотекæтæм. Фидæны курорты цæмæдæриддæр æнхъæлмæ кæсæн ис, уыдæттæ раиртæстам…

Йæ бæстон ныхасы тыххæй бузныг загътон Владислав Заалишвилийæн. Фæлæ ма мæ цы фæнды фæбæрæг кæнын: Кæнтæй Кæсæгмæ нæм чи нæ цæуы, артистæй, спортсменæй кад кæмæн не скæнæм, ахæм нал баззад. О, æхца дæр сыл хардз кæнæм, фæлæ цымæ ахуыргæндтæ сæхи бар цæмæн аззадысты? Цæй тыххæй хъуамæ æмбырд кæной сæхи мидæг æхца, чиныг рауадзыны хъуыддаг кæмæ хауы, сæ бæлвырд иртасæнтæ кæмæ фæхæццæ вæййынц? Ахуыргæндтæ кæддæриддæр хъуыддæгты рады æвæрд уыдысты 151-æм бынаты, абон дæр афтæ у. Афтæмæй та уый у адæмы æдасдзинады хъуыддаг. Зæгъæм (Хуыцау бахизæд), æмæ та цъити раивылд, уæд кæмæ дзурдзыстæм? Ахуыргæндтæм! Бафæрсдзыстæм сæ, а-ма, куыд кусут, цы раиртæстат, кæмæ фæхæццæ сты уæ хатдзæгтæ, зæгъгæ.

Культурæ, спорт, æнæмæнгхъæугæ сты... Æнæ стадионæй нæ адæм куыд хъуамæ фæцæрой??? Нæ ахуыргæндтæ ныртæккæ сты тæссагдзинæдтæ раиртасыны раззагдæр хаххыл. Уый искæмæ хъары???

Ныхас ныффыста БУТАТЫ Эльзæ